Osinform

БÆЛДÆРÆН

Куадзæны фæстæ хуыцаубоны ирон адæммæ уыдис бæрæгбон Бæлдæрæн. (дыгуронау Бæлдара бос). Рагзамантæй нæм абонмæ баззад ныхас Бæлдæрæны куывдтæ. Ацы хабар дзуры, уæд-иу стыр куывдтæ кæй кодтой, ууыл. Арæзтой æнæхъæн хъæубæстæй иумæ æхсæны куывдтæ иумæйаг хæрдзтæй. Куывдтæ-иу бирæхатт æнæхъæн къуыри дæр ахастой. Куывд аразыны тыххæй-иу развæлгъау равзæрстой фысымтæ. Адæм Бæлдæрæны хъуамæ уыдаиккой хъæлдзæг, уымæн æмæ, дам, уæд æгас афæдз уыдзынæ афтæ хъæлдзæг. Дыгургомы Бæлдæрæнты уазæг æрбахонын нæ фæтчыдис, сæ куывдты-иу сидтысты бардуæгтæм хъæздыг тыллæг æрзайыны тыххæй.

Ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ, Хуыцау фыццаг сфæлдыста хъæд, дуртæ, фос, фæлдисгæ та сæ скодта къæйттæй, æмæ Бæлдæрæны уыдонæн вæййы къайады бон, уæд бауддзыд вæййынц (оплодотворение). Дзырдтой, зæгъгæ, хъæд джыртмæ цæуы. Афтæмæй Бæлдæрæн цасдæр бæрцæй нымад уыдис «бауддзыдуæвыны» стырбоныл. Иугæр афтæ уыд, уæд дзы сылгоймæгтыл дæр æмбæлдис иукъорд нæфæтчыйы æгъдæуттæ кæнын. Уыцы бон уыдонæн нæ фæтчыдис дурыл кæнæ хъæдыл бадын, хъуамæ-иу бадтаиккой зæххыл, уымæй дæр уæгъдибар æнæгъдау бадтæй нæ, фæлæ, йæ къæхтæ йæ быны æрбатымбыл кодтаид, афтæмæй. Цыбыр къаба кæнын дæр сын нæ фæтчыдис Бæлдæрæны æгъдæуттæй ахсджиагдæр уыдис ахæм: нæ фæтчыдис хъæды æхсæдын, бæлас калын, æмткæй хъæдгуыст кæнын. Ис ахæм таурæгъ. Иу ирон лæг ацыд хъæдмæ суг кæнынмæ. Куыддæр бæласы фæрæт ныссагъта, афтæ бæласæй дон нæ, фæлæ туг фемæхсти. Лæг дисы бафтыд, раздæхт фæстæмæ, хъæубæстæн радзырдта хабар. Уæдæй фæстæмæ ацы бон нымад æрцыдис бæрæгбоныл.

Бæлдæрæнæн ма уыд æндæр ном дæр — Хæрдмæкæсæн. Ацы ном равзæрдис адæмы мæнгуырнынады бындурыл. Уыдон уырныдта, зæгъгæ, уыцы бон Чырысти зæххæй фæстæмæ фездæхы уæларвмæ, æмæ йæм хæрдмæ фæкæсæм. Бæлдæрæны райсомæй изæрмæ бинонтæй фынæй кæнын никæмæн фæтчыдис: Хуыцау æй фынæйæ куы ‘рæййафа, уæд æгас афæдз уыдзæн уонгмард. Бæлдæрæны æнгæс стырбон зындгонд у суантæм дæр — Квириайы райгасы номыл стырбон. Уыдон дæр æй кодтой, ир Бæлдæрæн кæд фæаразынц, уыцы заманы.

□□□

Опубликованно: 22-04-2017, 13:51
Документ: Религиозные праздники > http://alaniainform.org/49994-b198ld198r198n.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад