Тылаттатæ Чермены зараг |
Тылаттатæ нын байуæрстой Ой, уæрæйдæ, уæй! Æрнæджытæ, гæмæхтæ. Черменæн дзы хай равзæрстой: Ой, уæрæйдæ, уæй! Цъыфдзæстытæ, къæдзæхтæ. Бадти йæ мад æнкъардæй, Ой, уæрæйдæ, уæй! Арты фарсмæ къонайыл: «Сайдзысты дæ мæнгардæй, Ой, уæрæйдæ, уæй! Ма-иу баууæнд Хъобаныл». Куы фæтæрсон æз мe знæгтæй, Ой, уæрæйдæ, уæй! Мæ хъару ’мæ мæхæдæг, {Уæд фæхъæуон æз мe ’мгæрттæй, Ой, уæрæйдæ, уæй! Хæрам мын уæд дæ фæдæг!} x2 Опубликованно: 12-10-2014, 23:20 |
Вернуться назад |