Osinform

ФЫДЫБÆСТÆ

Кочысаты Мухарбег
Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц
Йæ бинонтæ, йæ мад!
Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы
Йæ рæзгæ бонты цард!
Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх,
Дæуæн æмбал кæм и!
Дæуæй зæрдæйæн адджындæр,
Зæгъ-ма мын, чи у, чи?!
Нæ урс хæхтæ, нæ тар хъæдтæ,
Нæ хъал дæтты хъæлæс,
Нæ зад хуымтæ, нæ дидинæгджын фæз,
Кæм хъазыдтæн æз сабийæ,
Кæм рæзыдтæн æгас, —
Мыггагæй дæр сымахимæ
Мæ зæрдæ баст у, баст.
Мæ зæрдæ баст у, баст.
Ды дæ мæ уд, мæ бæрæгбон,
Ды дæ мæ уд, мæ бæрæгбон,
Фыдыбæстæ мæнæн,
Дæуæй зынаргъдæр, рæсугъддæр,
Дæуæй зынаргъдæр, рæсугъддæр
Нæ уыди æмæ нæй. (2 хатты)
Нæ фыдæлтæ сæ хъарм тугæй
Дæу балхæдтой, мæ зæхх,
Сæ бæркадджын фæллойæ дæ
Ысбуц кодтой дзæбæх.
Æмæ дæ никуы ратдзынæн
Ызнагæн, зон уый ды.
Фæлтау мæлæт ыссардзынæн
Дæ сæрвæлтау хæсты!

Опубликованно: 05-08-2014, 19:14
Документ: Новости > http://alaniainform.org/46122-fydyb198st198.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад