Osinform

Старинные осетинские песни ,тексты(часть1)

Уастырджийы зарæг.

Ой- гъой Хетæджы тæхгæ нæргæ сызгъæрин Уæстырджи
О-о-о табу дæхицæн!
Гъей-гъей дæумæ кувæм, Уастырджи, дæуæй курæм,
Сызгъæрин Уастырджи!

Гъей-гъей байрагæй бæхгæнæг лаппуйæ лæггæнæг Уастырджи
О-о-о табу дæхицæн!
Гъей-гъей нæ кæстæртæ де уазæг, Уастырджи, табу дæхицæн,
Сызгъæрин Уастырджи!


Ой- гъой бæрзондыл бадæг урсбоцъо Уастырджи
О-о-о табу дæхицæн!
Гъей-гъей нæ бæлццæттæ де уазæг, Уастырджи,
Нæ Ирыстон дæ фæдзæхст!


Уациллайы зарæг.

Ой табу табу, рухс Тыбау Уациллайæн!
Табу дæ хорзæх, де уазæг
Амондæй хайджын, фыдбылызæй хыст куыд уæм
Ахæм арфæ ракæн!

Ой нæ уалдзæджы гага,
Ой нæ фæззæджы бæркад,
Куывдтæн чындзæхсæвтæн куыд хъæуа
Ахæм арфæ ракæн!

Ой нæ урсзачъе зæронд лæгтæ
Ой нæ куывдты чындзæхсæвты
Сæ кæстæртæн амонджын арфæтæ куыд кæной
Ахæм ахъаз бакæн!

Ой нæ чындздзон чызджытæн
Ой нæ рæсугъддзинæдты куывдты чындзæхсæвты
Сæ фæндыры зæлтæ хъæлдзæгæй куыд хъуысой
Ахæм арфæ ракæн!

Ой Рекомæй Тæтæртупмæ ой цы зæд цы Дуаг и
Цы хорздзинад и
Ой табу сæхицæн æрбауа!

ЧЕРМЕН
Тылататæ нын байуæрстой уæрæйдæ гъой
Æрнæджытæ - гæмæхтæ;
Черменæн дзы хай равзæрстой уæрæйдæ гъой
Цъыфдзæстытæ, къæдзæхтæ.

Чермен уæд уыдис хæтынмæ, уæрæйдæ гъой
Лæбурдта-иу, бирæгъау,
Сау хъулгъайы сæттынмæ, уæрæйдæ гъой
Æрбатардта иу рæгъау.

Бадтис йæ мад æнкъардæй гъой уæрæйдæ гъой
Арты фарсмæ къонайыл:
Сайдзысты дæ мæнгардæй, гъой уæрæйдæ гъой
Ма-иу баууæнд Хъобаныл!


Куы фæтæрсон æз не 'взæртæй, уæрæйдæ гъой
Мæ хъару 'мæ мæхæдæг,
Уæд фæхъæуон æз ме 'мгæрттæй, уæрæйдæ гъой
Хæрам мын уæд дæ фæдæг!


Куывд

Ой, табу аестыр Хуыцауаен, Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Буцаей цаерой дае куваег адаем Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Ой, табу Уастырджийаен Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Нае фаесиваеды даеуыл фаедзаехсаем Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Табу, табу, Уастырджийаен Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Нае фаесиваеды даеуыл фаедзаехсаем Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!

Ой, табу Фаелваерайаен Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Дае лаеваерд фосаей нываендтае каенаем Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Ой, табу Уациллайаен Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Хуссары хортаей фынгтае куыд каенаем Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Табу, табу, Уациллайаен! Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Хуссары хортаей фынгтае куыд каенаем Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!

Ой, табу Рыны бардуагаен Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Нае чысыл хурты даеуыл фаедзаехсаем Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Ой, табу Хетаеджы дзуараен Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Иры дзыллаейы даеуыл фаедзаехсаем Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Табу, табу Хетаеджы дзуараен Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Иры дзыллаейы даеуыл фаедзаехсаем Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!

Ой, табу Тхосты дзуараен Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Нæ тыхтæ алкæд фылдæр куыд кæной Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Ой табу Рекомы дзуарæн Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Иры кæстæрты дæуыл фæдзæхсæм Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Табу, табу Рекомы дзуараен Ой,ой, нае дзуары хорзаех нае уа!
Иры кæстæрты дæуыл фæдзæхсæм Ой,ой, нае дзуæртты хорзаех нае уа!
Спасибо Дзагоеву Рустему за предоставленный материал.

Северная Осетия,Южная Осетия, Дигора, Реком, Мыкалгабыр , Джер .Гомарт.

Опубликованно: 17-11-2018, 19:46
Документ: Аудио / История / Культура / Музыка / Религиозные праздники > http://alaniainform.org/41816-starinnye-osetinskie-pesni-chast1uastyrdzhiyy-zar230g.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад