Osinform

АБОН У ФАЦБАДÆН

Ногбонæй дыууæ къуырийы фæстæ дыгур фондз-дыууадæс боны дæргъы кодтой бæрæгбон — Фацбадæн. Ацы бæрæгбоны рæстæджы хъæуы цæрджытæн цæуæн никæдæм фæтчыдис, сæ алыварс дунейæ уыдысты иппæрд, хъæумæ бацæуын кæнæ хъæуæй искæмæ рацæуын фæтчыдис æрмæст цыппæрæмы. П. Паллас фыста ацы бæрæгбоны тыххæй, зæгъгæ, æнæхъæн аст боны дæргъы æгас хъæу кодта куывдтæ: бæлццон-иу куы рацыд уыцы бонты хъæуыл, уæд-иу уый дæр уым хъуамæ баззадаид бæрæгбоны кæронмæ, дарддæр цæуын-иу нæ ауагътой уыцы бæлццоны, алчидæр æй хъуамæ бахуыдтаид йæ хæдзармæ. Ацы бæрæгбонмæ-иу сæхи цæттæ кæнын райдыдтой развæлгъау. Фыццаг цыппар боны дæргъы-иу кæрæдзимæ цыдысты адæм æмæ æрвыстой афтæ сæ бæрæгбон кæрæдзи хæдзæртты. Фæндзæм бон-иу æнæхъæн хъæу æрæмбырд Идауæгы кувæндонмæ, уымæн æмæ стырбон ацы бардуаджы номыл уыд. Бæрæгбоны равзæрды тыххæй баззад ахæм таурæгъ: Емынæйы низ сусæгæй бахъуызыд Стыр Дыгуры иу хæдзармæ, уым йæхи фестын кодта тæф æмæ фæрынчын кодта уыцы хæцгæ низæй æгас хъæуы цæрджыты иууылдæр. Адæмæй ма фервæзтис, уыцы рæстæг Идауæгы кувæндонмæ æввахс кæй æрæййæфта, æрмæст уыдон. Уæдæй фæстæмæ кувæндоны номыл райдыдтой адæм бæрæгбон кæнын. Идауæг тынг карз бардуагыл нымад цыдис дыгурмæ. Уыдон уырныдта, зæгъгæ, бæрæгбоны рæстæджы хъæуæй исчи исты радавта, уæд ныллæууыдаид тынг æвзæр боныхъæд æмæ тыллæг фесæфтаид бынтондæр


Опубликованно: 23-01-2011, 13:31
Документ: Религиозные праздники > http://alaniainform.org/27389-abon-u-facbad198n.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад