Osinform

21 июня Дауджытае аемае Фаелваера

ДАУДЖЫТӔ
Ирон адӕмон бӕрӕгбонты 'хсӕн ахсджиаг бынат ахсы Дауджыты стырбон. Уый дӕр нымад у, ирон адӕмы хӕдзарадон-культурон царды гуылфӕны чи равзӕрд, ахӕм сыгъдӕг ирон бӕрӕгбоныл, кӕнынц ӕй июны мӕйы. Иуӕй-иу этнографион ӕрмӕджытӕ куыд амонынц, афтӕмӕй Дауджыты стырбон ирӕттӕ арӕзтой хуымгӕрдӕнты-найгӕнӕнты заманы дӕр. Йӕ боныл Ирыстоны фылдӕр хъӕуты нымад цыдис дыццӕг. Дзо-магъгомы йӕ кодтой ӕнӕмӕнг хуыцаубоны. Дауджыты стыр-бон тынгдӕр зыдтой Цъалагомы, Къуыдаргомы, Куырттаты, Уӕлладжыры ӕмӕ Дыгургомы. Стырбоны куывд кодтой, куыд алчи хицӕнӕй, хӕдзары куывд, афтӕ ӕнӕхъӕн хъӕуӕй иумӕ дӕр. Дауджыты бӕрӕгбон цы бардуӕгты номыл арӕзтой, цахӕм динон нысан, функци йын уыд, уый фӕдыл ахуыргӕндтӕм нӕй иу ӕмхуызон хъуыды. Г. Ф. Чурсин Дауджыты стырбон хоны бынӕттон, ома Кавказы равзӕргӕ бӕрӕгбон, фӕлӕ йын йӕ функцион нысан раст нӕ фӕлгъауы: хӕхтӕ ӕмӕ, дам, къӕдзӕхтӕн цыт кӕныны стырбон у42. Зӕрӕдты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Дауджыты стырбон арӕзт цыдис хор ӕмӕ тыллӕгӕрзады бардуаджы номыл, кӕнгӕ та йӕ кодтой уалдзыгон куыстыты фӕуд ӕмӕ хуымты фыццаг ӕвзарты фӕзынды цытӕн.
Алантӕм чырыстон дины агъоммӕ уӕларвон тыхты хуыд-той къӕйттӕ номӕй: зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕ. Абайты Васойы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы дыууӕ дзырды цӕуынц рагон ирайнаг ӕвзӕгтӕй ӕмӕ нысан кӕнынц тых, уӕндондзинад, гӕнӕн ис, ӕмӕ нысан кӕной уӕларвон тыхтӕ дӕр43. Цымыдисаг у, ацы дыууӕ дзырдӕй хицӕнтӕй дӕр ӕмӕ иумӕ дӕр (зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕ) ирон адӕм абон дӕр дзырд дзуаримӕ ӕмхуызон кӕй пайда кӕнынц, уыцы хабар дӕр. Дзырд дауӕг (дуаг) бӕрӕг бардуаг нӕ нысан кӕны, уый у уӕларвон тыхты, уӕларвон цӕрджыты иумӕйаг ном, уӕларвон цӕрджытӕ иууылдӕр иумӕ зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕ сты. Ирон адӕммӕ ивгъуыд замантӕй абонмӕ ӕрцыдысты терминтӕ: хъӕуы зӕд, сӕры зӕд, быдыры зӕд ӕмӕ а. д. Бинонтӕй алкӕмӕн дӕр, алы хӕдзарӕн дӕр, алы хъӕуӕн дӕр, алы быдырӕн дӕр уыдис йӕхи зӕд. Зӕдтӕй чи кӕй кӕнӕ цӕй бардуаг уыдаид, уый-иу хъахъхъӕдта фыдӕй (быдыры зӕд хъахъхъӕдта хуымты)44. Адӕмы уырнынадмӕ гӕсгӕ, зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕ сты Хуыцӕутты Хуыцауы дӕлбар, йе 'ххуысгӕнджытӕ. Зӕдтӕн, дам, дауджытӕй хъауджыдӕр ис базыртӕ ӕмӕ арвы тыгъдады тӕхынц иу ранӕй иннӕ ранмӕ, зӕххыл не 'рбадынц, афтӕмӕй. Сабыр, уӕздан адӕймагӕй ирӕттӕ фӕдзурынц: «Зӕды хуызӕн лӕг».


                                                            Фаелваера 
 
 
Куадзӕны къуырийы фӕстӕ дыццӕджы ирон адӕм кодтой бӕрӕгбон лыстӕг фосы бардуаг Фӕлвӕрайы номыл. Фӕлвӕрайы ном дзурын сылгоймӕгтӕн нӕ фӕтчыдис ӕмӕ йӕ хуыдтой фӕсно-мыгӕй — Фысты дзуар, Фысвосы бардуаг. Фосдардимӕ баст кӕй уыдис ацы стырбон, ууыл дзурынц, йӕ номыл-иу цы хӕринӕгтӕ ӕмӕ нозт сцӕттӕ кодтой, уыдон. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуы-дымӕ гӕсгӕ, Фӕлвӕрайы бон кусарт нӕ кодтой. Фӕлӕ этногра-фион литературӕйӕ куыд зыны, афтӕмӕй кусарт кодтой, ӕгӕрстӕмӕй-иу дзырдтой, зӕгъгӕ, Фӕлвӕрайы номыл уӕрыкк уӕддӕр куынӕ аргӕвдӕм, уӕд нӕм фӕхъыздзӕн. Фӕлвӕрайы ӕрбалӕуды агъоммӕ артыл урсаджы хӕринӕгтӕ кӕнын нӕ фӕтчыдис. Фӕлвӕрайы бон-иу кувӕндоны аргӕвстой, лыстӕг фосӕнуыцы аз фыццаг цы уӕрыкк райгуырд, уый, уымӕ гӕсгӕ уыциГкусарты хуыдтой фосы сӕр.
 
Кувӕндоны хъуамӕ ныууагъ-таиккой кусарты сӕр, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ фӕхсын, уымӕн ӕмӕ /ыдон уыдысты Фӕлвӕрайы символ. Стырбоны ӕнӕмӕнг кодтой дзыкка. Дзыккайы ӕмхуызон хӕринӕгтӕ зындгонд сты рацъӕттӕм (джикъа), абхазмӕ (ачамыкъ уа), кӕсӕгмӕ (гиемукъа). Нуӕзт дӕр-иу сцӕттӕ кодтой стырбонмӕ, куывд-иу кодтой куыд алы би-нонтӕ хицӕнтӕй, афтӕ ӕнӕхъӕн хъӕуӕй иумӕ дӕр. Алы хӕдзарӕй дӕр сӕ кувинӕгтимӕ цыдысты кувынмӕ Фӕлвӕрайы сыгъдӕг кувӕндонмӕ. Куывтой Фӕлвӕрамӕ: «О Хуыцӕутты Хуыцау! Дӕ рафӕлдисгӕ стӕм мах нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фос дӕр. Фӕлвӕрайӕн ратт фос ӕмӕ амонд, уый та сӕ махӕн схай кӕндзӕн. О Фӕлвӕра! Хуыцау дын радта фос, ӕмӕ дӕм кувӕлс фылдӕр нын кӕн нӕ фосы цот, арвыл цал стъалыйы ис, уыйбӕрц нын сӕ скӕн ӕмӕ нын сӕ хиз низтӕй. О Фӕлвӕра! О Тутыр, бахизут нын нӕ фосы бирӕгьтӕй, сӕ дзыхтӕ сын сӕхгӕнут дуртӕй »

4 Куывды мидӕг Фӕлвӕра ӕмӕ Тутыры кой иумӕ кӕй кӕнынц, уый дзуры, фосдарды хъуыддаджы уыдонӕн ӕмхуы-зон динон нысан кӕй уыдис, ууыл. Фосдарды хъуыддаджы сӕ функцитӕ уыдысты афтӕ дихгонд: Фӕлвӕра фосдӕттӕгыл нымад уыд, Тутыр та — фосхизӕгыл.
Фӕлвӕрайы бонмӕ-иу уӕлдай ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кас-тысты фыййӕуттӕ: уыцы бон-иу фыййӕуттӕн алы хӕдзар дӕр хъуамӕ раттаид иу гуымбыл цыхт.
Хуссар Ирыстоны-иу фыййӕутты номыл уыцы бон скод-той цыхтӕй уӕливых — ӕхсырдиан. Ацы ӕгъдау хуыдтой къусхӕссӕн. Кодтой сын дзыкка дӕр. Фыййӕуттӕ-иу сӕ хӕрд-нозты алыварс бадтысты ӕрмӕст сӕхӕдӕг.
Этнограф Коцты Къостайы хъуыдымӕ гӕсгӕ, Фӕлвӕра рай-дианы нымад уыдис хӕдзарон фосы ӕппӕт хуызты бардуагыл, фӕлӕ фӕстагмӕ сси фысты ӕмӕ сӕгъты бардуаг. Иууыл фӕстагмӕ та ӕрмӕст фысты бардуаг. Фӕлӕ ирон фольклорон уацмыстӕй куыд зыны, афтӕмӕй Фӕлвӕра уыд куыд ставд, афтӕ лыстӕг фосы бардуаг дӕр. Нарты эпосӕй бӕрӕг у ахӕм хабар: Фӕлвӕра Нартимӕ уыдис хӕлар, галтӕ сын балӕвар кодта, ӕмӕ Нартӕ сӕ хуымты бакуыстой уыдонӕй.
Фӕлвӕра Нарты Сосланӕн бацамыдта, уый йӕ фосы бирӕгътӕй куыд хъуамӕ бахызтаид, уыдӕттӕ.
Фӕлвӕра хӕдзары ӕппӕт фосы бардуагыл кӕй уыд нымад, уымӕн ма ӕвдисӕн у ноджыдӕр иу ахӕм хабар. Уӕларвон зӕдтӕй ӕрмӕст Фӕлвӕра дих кодта, бардуӕгтӕй кӕмӕн цавӕр нывонд-кусарт кӕнын хъуыд, уый (Уастырджийы номыл ӕргӕвстой фыс, ӕмӕ Уациллайы — сӕгъ, Быдыры зӕды но-мыл — уӕрыкк ӕмӕ а. д.).
Фӕлӕ уӕддӕр фӕстагмӕ Фӕлвӕрайы функцитӕ къуындӕг кӕнын байдыдтой: нымад ма цыд ӕрмӕст фысты бардуагыл. Ууыл дзуры йӕ дыккаг ном дӕр — Фыры дзуар. Ахӕм кувӕн-дон ис Цӕгат Ирыстоны, Дӕргъӕвсы. Фысӕн ирон адӕмы ӕхсӕн культон нысаниуӕг кӕй уыдис, фыры сӕры хуызӕн фигурӕтӕ дӕр уымӕн арӕзтой алыхуызон арӕзтӕдтыл (ку-вӕндӕтты, дзуӕртты). Фыры дзуары куывтой чындзытӕн лӕппутӕ гуырыны тыххӕй (фыры хъулы хуызӕн лӕппутӕ). Фыры дзуар тынг кадджын уыд ирӕттӕм. Таурӕгътӕ дӕр баз-зад уый фӕдыл. Ӕртӕ лӕппуйы, дам, рацӕйцыдысты ацы ку-вӕндоны цурты. Уыдон сфӕнд кодтой кувӕндонӕй ахынджылӕг кӕнын: хъуамӕ йӕ ӕхсӕнгарзӕй фехстаиккой. Фӕлӕ топп несхӕцыд. Лӕппутӕй чи куырм бацис, кӕмӕн дзы йӕ бӕрзӕй ныззылын, афтӕмӕй ма тых ӕмӕ фыдӕй фӕхӕццӕ сты сӕ хӕдзӕрттӕм.
Термин Фӕлвӕра-йы равзӕрды тыххӕй ахуыргӕндтӕ алы-, хуызон хъуыды кӕнынц. В. Миллер термин хоны ирон дзырд Фӕлварын-ӕй рацӕугӕ. Дыккаг ран та ахуыргонд Фӕлвӕрайы бӕтты сыгъдӕг Флорӕ ӕмӕ Лавримӕ (бӕхты бардуӕгтӕ). Уыдон, зӕгъы, ирон адӕммӕ ӕрбафтыдысты чырыстон дины райстимӕ
.
Абайты Васо бӕстон анализ скодта термин Фӕлвӕра-йӕн ӕмӕ уый дӕр ӕрцыд ахӕм хъуыдымӕ, зӕгъгӕ, нӕ зӕд баст у чырыстон дины сыгъдӕг бардуӕгтӕ Флорӕ ӕмӕ Лавримӕ. Ацы дыууӕ бардуаджы, зӕгъы, сты муртак дины дыууӕ бардуаг-фаззӕттӕй рацӕугӕ, — уыдон дӕр уыдысты фосдард ӕмӕ зӕхкуысты бардуӕгтӕ12. Васойы хъуыдыйы фарс дзуры этног-раф Калоты Барис дӕр. Уый фыссы, зӕгъгӕ, чырыстон дины зӕдтӕ Флорӕ ӕмӕ Лавр ирон динмӕ ӕрбафтыдысты, алантӕн уырысы Тмутарканы ӕлдарадимӕ (княжество) бастдзинӕдтӕ куы/уйдис, уыцы дуджы, Флорӕйӕн йӕ раздӕры функци баз-зад^ афтӕмӕй. Рагон хъобайнӕгты хӕдзарады сӕйраг къабаз фосы куыст куыд уыдис, алантӕм дӕр уыдис афтӕ. Алантӕм /фосы бардуаджы культ ма уыдаид, уый гӕнӕн нӕй.

 Фӕлвӕра ирон адӕммӕ нымад у уӕларвон зӕдтӕй сегасӕй уӕзбындӕр ӕмӕ зӕрдӕхӕлардӕр бардуагыл. Сабыр ӕнӕхин лӕгӕй дзӕгъӕлы нӕ фӕдзурынц, Фӕлвӕрайы хуызӕн лӕг,
зӕгъгӕ.
Ирон Фӕлвӕрайӕн этнографон параллелтӕ ис Кавказы ӕндӕр адӕмтӕм дӕр: адыгъейаг Ахын, абхазаг Мекдгариа ӕмӕ а. д.
 
Цыбырты Людвиг "Ирон адаемон бараегбонтае "
 
 
Уважаемые посетители Осинформ мы начали выкладывать информацию об осетинских религиозных праздниках . Информацию о них мы будем заранее доводить до вас за день или два до начала праздника .  
Очерёдность праздников ставиться из «Ирон Къаелиндар» на 2009 г который составил Цгъойты Хазби

Опубликованно: 20-06-2009, 00:13
Документ: Религиозные праздники > http://alaniainform.org/14393-21-ijunja-daudzhytae-aemae-faelveera.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад