Дзимыргомы æрдз æмæ цардуавæртæ
Нæ кæмттæ, нæ дон,
Лæнчытæ, уæлвæзтæ -
Дзæнæт у, уый зон.
Гæдиаты Секъа
Историйы æртиссæдз азы у иу цæстыныкъуылды йас.
Æртиссæдз азы размæ Дзимыргомы адæм, кæд хъæздыг нæ цардысты, уæддæр хъаст ницæмæй кодтой. Кæрæдзимæ уазæгуат цыдысты, сывæллæтты хъомыл кодтой, балцы æндæр бæстæтæм цыдысты, куыстуарзаг уыдысты, хорз куыстой æмæ царды фаг амæлттæ кодтой. Кæмтты фæрстыл стыр парахат сæрвæттæ урс-урсид дардтой фосы дзугтæй. Афтæ бирæ æнусты.
Æмæ æвиппайды æртиссæдз азы размæ ком ныссабыр ис, æдзæрæг фæцис, раст дзы цыма цъиу дæр нал тæхы, афтæ зыны. Хъæуты хæлдтытæм бакæсгæйæ зæрдæ ныррисы... Мæ зæрдæйыл æрлæууыдысты уыцы хъæуты цы зондджын, æгъдауджын, кадджын æмæ рæсугъд хисдæртæ æмæ фæсивæд цардис, уыдон, стæй комы рæсугъддзинад.
Зæххы къорийыл Дзимыргомæн Хуыцау сбынат кодта Астæугкаг Кавказы тæккæ астæу.
Дзимыргом Хъелы цады былæй акæсгæйæ (къам систа И.Смычков, 2008 аз)
Æппæт Дзимыргомы ис æрмæст иу фæз –Баджины фæз (къамы хорз зыны). Бынтон фæз нæу, фæлæ иннæ бынæттæй лæгъздæр у. Уым уыдысты Уæллаг Баджин - тæккæ мидæгдæр хъæу Димыргомы, цардысты дзы Дзебысатæ æмæ Битъæртæ. Уæллаг Баджины мæсыг, раст цыма зноны арæзт у, афтæ лæууы. Бирæ æнусты дзы иу дур дæр нæ рахаудта. Мæсыгæй гыццыл дарддæр уыдис Чырыстон аргъуан стыр хъуытазимæ, кæддæр мидæгæй уыдис тынг рæсугъд, уыдис дзы къухæй нывгонд къамтæ, бирæ гыццыл хъуытазтæ, цырагъ æвæрæнтæ, æз ма йæ хъуыды кæнын, мæхиуыл аргъуаны сауджын дзуар куыд бафтыдта, уый. Алы аз дæр аргъуанмæ цыдис æппæт Дзимыргомы адæм, Сырх Уастырджийы бæрæгбонмæ æмæ-иу дзы уыдис стыр куывд, мæнæ Хетæджы Уастырджийы куывд куыд кæнынц ныртæккæ, афтæ. Фæсивæды хъаст æмæ-иу зард æппæт комыл хъуыст.
Дæллаг Баджин уыдис Баджины фæзы астæуты цы дон цæуы, уый бæрзонд фарсыл, цардысты дзы Бедойтæ æмæ Битъæртæ. Уыдонæн мæсыг нæ уыд, æвæццæгæн сæм знаг нæ уæндыдис.
Баджины фæзы арæх уыдис бæхты дугътæ, бирæ æрыгон лæгтæ уым æвдыстой сæ хъæбатырдзинад, лæгдзинад, чи рæвдздæр у, чи арæхстджындæр у, уый. Уыцы дугътæ æвдыстой ирон адæм сæ фыдæлты кад, æгъдæуттæ размæ кæй хæссынц, фыдæлты æгъдау кæй нæ рох кæнынц, уый. Баджины фæзы æмæ кæмтты уыдис хорз хизæнтæ , фæлæ сæм нæ уыд уыгæрдæнтæ , стæй сæм хъæд хæстæг нæ уыд. Фос, хъом сæм уыдис фаг, уыдон руаджы царв, цыхт, мисын, дзидза. Суг сæм зынæй ссарæн уыд. Ныртæгкæйы рæстæг адæм архайынц ссарын мæнæ "биотопливо" кæй хонынц, уый. Фæлæ уыцы рæстæджы Дзимыргомы сæ фос æмæ хъомы руаджы æрхъуыды кодтой сæхи биотопливо - сæнар, æмæ дзы хъæд хæстæг кæмæ нæ уыд, уыдон сæнарæй хæдзæрттæ хъарм кодтой, хæринаг фыхтой.
Æнцон цæрæн бынат нæ уыдис Дзимыргом, зымæгон йæ миты уард уыдис лæгæй бæрзонддæр. Баджины фæзы зымæг цæрæн нæ уыд æмæ дыууæ Баджинæн Дзимыры комы иннæ фарс Сагъойы уыдис зымæгон хæдзæрттæ æмæ–иу зымæджы æд хъом, фос уырдæм алыгъдысты, кæд уым дæр æнцон цæрæн нæ уыд, уæддæр. Иуæй-иу хатт-иу сæ хæдзæртты сæрты зæй ракалдис, фæлæ–иу адæм æдтæмæ рабырстой æмæ–иу сæ куыстытæ кодтой. Хуыцауы фæрцы уыцы зæйтæ никуы никæй бахъыгдардтой цæргæ цæрæнбонты.
Баджинæн цы хъуыдис мæсыг саразынæн - дуртæ йæ алыфарс цæттæйæ лæууынц, æвзар, цахæм дæ хъæуы уый æмæ сæ кæрæдзийыл æнгомдæр æвæр.
Фæлæ диссаг у Тогойты мæсыг самайын - тынг къул фарсыл лæууы, бындур сæвæрын дæр уыдис стыр аивад, стæй йæ дуртæ ласын дæр.Уæддæр æй фидар æмæ куыстуарзаг, сæрибардзинад уарзаг адæм скодтой. Стæй ма скæсут, цы бынаты йæ сæвæрдтой, уымæ - æппæт Дзимыргомы æрбацæуæнтæ дæлæмæ дæр, стæй уæлæмæ, раст цыма дæ тæккæ цуры сты, афтæ зынынц. Cæ кад бæрзонд уæд уыцы сыгъзæрин аразджытæн!
Раст ахæм бынаты æрлæууыдысты Тогойтæ дæр, дыууæ комы астæу, зæй цæуынæй сын тас нæ уыд, уыдис сæм хорз хизæнтæ, уыгæрдæнтæ, суг æнцон ласæн, бирæ фос, хъом, кусгæйæ, хъазгæйæ, заргæйæ, адæм уарзгæйæ цардысты уым бирæ æнусты.
Баджины хъæуæй Хуссары æрдæм зыны парахат Баджины суары ком, йæ рæсугъддзинадæй зæрдæ рухс кæны, йæ фæрстæ лæгъз, хъæд дзы нæй, фæлæ йæ дыууæ фарсыл дæр, бæрзонд, раст цыма йæ исчи ахахх кодта, афтæ райдайынц залгъæд æмæ фугæйы къутæртæ, суанг хæхты сæрты онг.
Баджины суары ком (Уæрæх ком)
Комы астæу – Дзмыргомы хуыздæр суар , гæнæн ис, æппæт дунейы хуыздæр суар, йæ пæлхъ-пæлхъ хъуысы дардмæ, йæ фонтан та хауы ссæдз сантиметрæй бæрзонддæр, иу нуазæн дзы иу ахастæн баназæн нæй, афтæ уазал у, стæй тынг газджын.
Мæнмæ гæсгæ æппæты рæсугъддæр фæрссаг ком у Баджинæй цæгаты æрдæм акæсгæйæ цы ком зыны, уый - Горгайы ком.
Горга
Бакæсут-ма йын йæ къаммæ, куыд æрæвæрдта æрдз Горгайы цæрджытæ–Битъæртæ цæрæнуатæн кæй равзæрстой, уыцы бынат. Йæ уыгæрдæнтæ лæгъз, бирæ хизæнтæ, тар хъæд – цы ма хъæуы хæххон адæймагæн рæсугъд, амондджын цардæн! Мæхæдæг дæр уæлдай ницы зæгъин уым ацæрынæн.
Фæзы былæй дæлæмæ, Хурыскæсæны æрдæм дæ цæстæнгас куы ахæссай, уæд дæ разы байгом уыдзæн тынг рæсугъд æрдз - арф кæмттæ, рæсугъд къæдзæхтæ, гуылф-гуылфгæнгæ цæугæ дæттæ, тар хъæдтæ, цъæх-цъæхид уыгæрдæнтæ. Галиуæрдыгæй дыууæ комы астæу, раст æй цыма сыгъзæрин къухджын кусæг дур дурыл æвæргæйæ сарæзта, ахæм рæсугъд, цыргъсæр хох – Берцих.
Берцих
Хохæн йæ иу фарсыл ис кувæндон - Хетъеты дзуар. Зæрдæвæрæны размæ Хетъетæ кодтой уым стыр куывд æмæ–иу æрхуыдтой æппæт комы адæмы. Адæм-иу кæрæдзийыл цин кодтой, Хуыцау æмæ-иу дзуæрттæн фæкуывтой, сæхи-иу хорз федтой, кæрæдзийæн-иу арфæтæ æмæ хъæбыстæ фæкодтой æмæ–иу хъазгæ–заргæйæ сæ хæдзæрттæм афардæг сты. (Берцихы кæддæр уыдис Гæдиаты Секъа æмæ йæ хорз фыссы йæ радзырд "Садуллæ æмæ Манидзæ"-йы).
Дарддæр куы акæсай, уæд раст цыма къухы тъæпæны, зыны Хетъеты хъæу, иуæй- иу хатт æй хуыдтой Къуыппы хъæу дæр æмæ æцæг дæр афтæ у – дыууæ фæрссаг комы астæу стыр къæдзæхы сæр кæддæр фыццаг-æртыгкаг æнусы рæстæджы дам Хетты адæмыхатт Дзимыргомыл дæлæмæ цыдысты æмæ дзы кæмæндæр уыцы къæдзæхы сæр йæ зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ уым æрбынат кодта (уый æрмæст Хуыцау зоны, фæлæ чи зоны æцæг уыд) æмæ дам уырдыгæй рацыд Хетъеты мыгкаг.
Цы фæнды йæ куы зæгъæм, уæддæр уым фыццаг чи æрцардис, уый уыдис зонджын лæг. Хъæуæй уæлæмæ ис стыр хорз хизæнтæ æмæ уыгæрдæнтæ æмæ хæххон адæймагæн уымæй у йæ цард. Хъæд дæр сæм у хæстæг, суг æнцон ласæн, зæй цæуынæй дзы тас нæу. Къæдзæх ахæм бынаты ис, æмæ æртæрдыгæй кæдæмдæриддæр акæсай, æрбацæуæнтæ хорз зынынц, иннæ рдыгæй та къæдзæх ахæм бæрзонд у, æмæ дзы адæймагæн, сырдæн схизæн нæй. Хъæуы цæрджытæм уыдис бирæ фос, хъом, алы хæдзармæ дæр уыдис мыдыбындзытæ, æрмæст сæм хорз суадон нæ уыд, фæлæ зондджын адæм сæхи никуы фесафдзысты – бæрзонд æфцæджы уыдис суадон æмæ йæ дурын хæтæлты сæхимæ рауагътой (гъе, уый дын лæгдзинад!). Хетъеты мæсыг йæ аразджытæ сывæрдтой къæдзæхы тæккæ былыл, алырдæм дæр дзы акæсæн куыд уа, афтæ. Сæ кад макуы фесæфæд!
Цæуæм дарддæр Хурыскæсæны æрдæм. Хетъеты хъæуы ныхмæ Цæгат-хурыскæсæны æрдæм комы галиу фарс æрбынат кодтой Къоратæ æмæ иу цалдæр хæдзары Хетъетæй. Рæстæг куыд агуырдта, афтæ уыдон дæр сæ цæрæнбынатæн равзæрстой къæдзхы сæр. Хизæнтæ, уыгæрдæнтæ сæм бирæ уыд, æрмæст, сæм хъæд хæстæг нæ уыд, æмæ уымæй тыхстысты, фæлæ сæм сæ фос æмæ хъомы руаджы уыдис бирæ ирон биотопливо - сæнар. Советтон хицауады рæстæджы Къорайы уыдис скъола, дзулгæнæн, æз ма уыцы дзул тынг хорз хъуыды кæнын.
Уыцы фарсыл гыццыл дарддæр цардысты Гуырцъытæ, сæ цардуавæртæ уыдысты Къорайы уавæртæм хæстæг, æрмæст сæм хъæд хæстæгдæр уыдис.
Дарддæр комы дæлæмæ цæугæйæ комы рахиз фарс зæнгыл зыны Дзæццойты хъæу, уым дæр цардысты Гуырцъытæ. Хизæнтæ, уыгæрдæнтæ, хъæд сæм уыдис фаг.
Ногæй та Гуырцъытæ. Дзæццойты хъæуæй гыццыл дарддæр, фæрссаг комы фарс æрбынат кодтой Бетъреты хъæуы цæрджытæ – Гуырцъытæ æмæ Биганатæ. Хорз фадæттæ сын уыдис цæрынæн – хизæнтæ, уыгæрдæнтæ, хъæд, сыгъдæг суадон, фос, хъом, мыдыбындзытæ. Дзимыргомы уыдис æрмæст иу дынджыр нæзы бæлас, æмæ уый Бетъреты цур æрзад.
Уыцы фæрссаг комæн йæ иннæ фарсыл та æрбынат кодтой Цыгъойтæ. Уыдонæн нæзы бæлас нæ уыд æмæ Бетъретæм хæлæг кодтой. Цыгъойты хъæу æвæццæгæн уыдис Дзимыргомы æппæты стырдæр. Цардуавæртæ уыдонæн дæр уыдис хорз, хизæнтæ, уыгæрдæнтæ, фос, хъом сæм бирæ. Советтон хицауады рæстæджы сæ хъæумæ арæзт æрцыдис машинæйы фæндаг, уыдис сæм скъола, хъæусовет, къалхозы хицауады бынат.
Ныр та афон у Дзимыргомы тæккæ бæрзонддæр хъæуты æрхъуыды кæнын. Фыццагдæр Пагæты хъæу. Дзимыргом æмæ Арвыком (Арагуийы ком) цы рагъ дих кæны (Пагæты рагъ) уымæй гыццыл дæлдæр фæрссаг рагъыл æрбынат кодтой Пагæтæ æмæ тынг раст бакодтой. Алы бон дæр уæле дæлæмæ кæс – уый зæрдæйæн у тынг æхсызгон. Гæнæн куы уаид, уæд мæхæдæг дæр тынг æхсызгон цард фæкæнин уым. Алцыдæр сæм фаг – цъæх-цъæхид уыгæрдæнтæ, хъом, фос хизæнтæ, уазал суадон, хъæд сæ цуры, зæйы рацыд цы уыд, уый дæр нæ зыдтой, уымæн æмæ зæйтæн сæ райдайæн уыдонæй уыдис æмæ–иу зæйтæ куы базмæлыдысты, уæд-иу сæм уæле дæлæмæ сæ фæдыл хъыллистгæнгæйæ кастысты.
Раст ахæм бынаты, иннæ фæрссаг рагъы цъуппыл бæрзондæй дæлæмæ кæсгæйæ йæ дыууæ мæсыгимæ, йæхицæй æппæлгæйæ бынат скодта Ломисы хъæу.
Ломисыхъæуы. ГуырцъытыАлекси, рахизæрдыгæймæхæдæг.
Уым дæр та цардысты Гуырцъытæ. Сæ уавæртæ уыдысты Пагæты уавæрты хуызæн, стæй сæм хæстæг уыдис Ломисы дзуар йæ бæрзонд рæсугъд аргъуанимæ. Баджины Сырх Уастырджийы хуызæн Ломисы дзуармæ цыдысты æмæ куывтой æрмæст Дзимыргом нæ, фæлæ ма Арвыкомы хъæутæ дæр – Уæлвæз, Ганис, Млет, æрмæст ирæттæ нæ, фæлæ йæм гуырдзиаг хъæутæ дæр цыдысты.
Хурыскæсæны æрдæм цæугæйæ, дæлæмæ быдыры æрдæм æппæты фæстагдæр ирон хъæу уыдис Науисхъеу, уым дæр та Гуырцъытæ. Науисхъеу иннæ хъæуты хуызæн нæ уыдис, цъалайæ гыццыл уæлдæр тæккæ хъæды астæу. Куыд ма йæ хъуыды кæнын, афтæмæй дзы цардис æртæ–цыппар хæдзары, фос, хъом сæм бирæ, хизæн сæрвæттæ, уыгæрдæнтæ хорз, суг- цасдæриддæр дæ хъæуы, дардæй ласын æй нæ хъуыдис, æцæг сæм уазæг арæх не мбæлд æмæ уый тыххæй æнкъард кодтой, æрсытæ-иу сæ арæх абæрæг кодтой, фæлæ сыл сахуыр сты æмæ ма суанг сывæллæттæ дæр нал тарстысты æрсытæй.
Кæд дзы исты хъæу ферох кодтон, уæд мын бахатыр кæнæд йæ сывллоны бонтæ уым чи арвыста, уыдон.
Æз куыд æмбарын, афтæмæй зæгъгæ Дзимыргомы цы адæм цардис – кусынмæ рæвдз, зондæй æххæст, бæрзонд æгъдаудзинад, цардуарзаг, цардзонаг, зæрдæхæлар, къухæй æмæ зондæй тыхджын – уыдонæн куы уыдаид хорз фæндæгтæ æмæ æндæр амæлттæ, æмæ сæ уырдыгæй хицауад куынæ расайдтаигкой, уæд ма абон дæр адæм сæхицæн тынг хорз æрдзы астæу хъæздыг цардæй цæриккой.
Стыр диссаг уый у, æмæ уыцы зынвадат уавæрты алы хæдзары дæр уыдис æртæйæ дæс–дыууадæс сывæллоны онг, æмæ-иу сеппæты дæр схъомыл кодтой æнæнизæй, тыхджынæй, зондджынæй, сæ фыдæлты хуызæн бæрзонд æгъдауджынæй. Уымæн сын æвæццæгæн æххуыс кодтой æрдз сын хорз амæлттæй цы лæвæрдта, уыдон. Уымæн æмæ уыцы амæлттæй адæм тынг хорз пайда кæнын базыдтой, хисдæртæ сæ лæвæрдтой кæсдæртæм, уыдон та иннæ кæсдæртæм æмæ афтæ бирæ –бирæ æнусты.
Дзимыргомы хæзнатæ
Дзимыргомы хæзнатæм фыццаджыдæр хауынц йæ сыгъдæг уæлдæф, йæ уыгæрдæнтæ æмæ парахат сæрвæттæ. Уыдон фæрцы бирæ сæдæ азты цардысты бирæ фæлтæртæ. Кæд зынвадат бынæттæ уыдысты, уæддæр цардæн цы хъуыд, уымæй цух нæ уыдысты, сæрдыгон-иу сæйраг комы, стæй фæрссаг кæмтты фæрстæ урс-урсид дардтой фосы дзугтæй. Бирæ æнусты Дзимыргом æрмæст сæхи фаг нæ амæлттæ кодтой, фæлæ ма уыцы комы дæлæмæ Хъелыдоны алыфарс цы хъæутæ уыдис суанг Тбилисы онг, уыдон дæр Дзимыры руаджы никуы уыдысты цух цыхтæй, царвæй, дзидзайæ, къуымбилæй.
Дзимыргомы дыгкаг хæзна сты йæ суæрттæ. Æвæццæгæн Кавказы Тырсыгомы фæстæ суæрттæй дыгкаг бынат хауы Дзимыргоммæ. Æз дзы кæй зонын, уыдон сты фондз.
Фыццаг суар у Науисхъеуæй Хъелыдоны фæрсты комы мидæмæ цæугæйæ куы бахæццæ уай Ломисы комы Ломисы хъæумæ цы къахвæндаг цæуы, уымæ тынг хæстæг – цъалайæ йæм суайын хъæуы иу дыууæ фондзыссæдз къахдзæфы æмæ галиуæрдыгæй къахвæндагмæ дзæбæх зыны. Бирæ адæмтæ дæлæмæ, стæй уæлæмæ цæугæйæ уым уагътой сæ фæллад, дзул æмæ цыхт хæргæйæ, уазал æмæ газджын суар ныуазгæйæ.
Дыгкаг суар та у Хъелыдоны фарсмæ Цыгъойтæ æмæ Бетъреты астæу цы ком ис, уый тæккæ ныхмæ. Уырдыгæй хастой суар Цыгъойтæ æмæ Бетъретæ, стæй-иу мидæмæ, дæлæмæ цы фæндаггон адæм цыдысты, уыдон дæр-иу сæхи суарæй хорз федтой.
Уырдыгæй комы мидæмæ цæугæйæ Къораты хъæуæй куы бахизай, уæд уым рахизæрдыгæй комы фарсыл, раст Хетъеты хъæуы ныхмæ урс-урсид дарынц дуртæ. Гъе уый та у æртыгкаг суар. Комæй йæм суайын хъæуы иу дæс æмæ æртиссæдз къахдзæфы æмæ йæм хæстæг бацæугæйæ уайтагъд бамбардзынæ сондоны тæф. Уый тыххæй у зын ныуазæн, фæлæ адæм куыд дзырдтой, афтæмæй æххуыс кодта ахсæнæй чи хъæрзыдта, ахæм рынчынтæн.
Дзимыры ма адæм куы цардысты, уæд-иу бирæ-бирæ суарныуазджытæ цыдис Дзимырмæ æмæ –иу уазæгуат бакодтой Дзимыры цæрджытæм, уыдон та-иу сæм кастысты сæ хизонты хуызæн.
Цæуæм комы дарддæр, мидæмæ. Иу фондз фондзыссæдз къахдзæфы фæстæ галиуæрдыгæй Берцихы хохрæбын раст Тогойты комы ныхмæ дардæй зынынц сырх-сырхид дуртæ – уый та у цыппæрæм суар – Хетъеты (Тогойты) суар.
Ацы суармæ тынг бирæ дзыллæтæ цыдис – йæ хорз ады тыххæй, стæй йæм æнцон цæуæн кæй уыдис, уый тыххæй. Йæ цурты цæуы Хъелыдон, рæсуг, сыггъдæг ныуазыны дон. Суар ахæм бынаты ис, æмæ дзы сывæрæн ис халагъуд (чи зоны искуы сæрдыгон улæфæн хæдзар), сугмæ дард цæуын нæ хъæуы, къогъо уым никуы вæййы, Берцихы фæрстыл хъæды бирæ мæнæргъы, хъæлæрдзы, мæцкъуы, цъоза,гæнгæлы, хуырхæг, хъоппæг, хъæддаг кæрдо, уижжа. Суармæ ныртæккæ дæр машинæйы фæндаг цæуы, æцæг хуыздæр хъуаг у.
Хетъеты (Тогойты) суары цур
Нæ фæндаг саразæм фæндзæм суары рдæм.
Хетъеты суарæй уæлæмæ Берцихы хохы фарсыл хъæды астæуты райдайы хорз фæтæн къахвæндаг. Иу сахаты æрдæгмæ схиздзыстæм Берцихы дзуары рæсугъд цъæх-цъæхид фæзмæ. Галиуæрдыгæй арвмæ фæцыдис Берцихы кувæндон кæуыл ис, уыцы цыргъсæр хох, бирæ азтæ кæуыл цæуы, ахæм хъæдимæ. Æгъдаумæ гæсгæйæ уыцы фæзмæ цæуын хъæуы æртæ уæлибыхимæ æмæ ирон æгъдау куыд амоны, афтæ дзуары ном ссарын, стæй дарддæр дæ фæндагыл ахæц. Бахизын дæ хъæуы Берцихы доны сæрты, стæй къахвæндаг дарддæр йæхи амоны, кæд хъæды астæуты цæуы, уæддæр.
Иу цасдæр рæстæджы сабыргай цæугæйæ схиздзыстæм Баджины фæзмæ. Фæзы ракæсæны зыны мæсыг æмæ иу цалдæр зæппадзы, рæстæг тынг кæй нæ фехæлдта, ахæмтæ. Нæ фæндаг ахæссæм дарддæр мидæмæ , хурныгуылæны æрдæм, ам фæз у æмæ æнцон цæуæн. Фыццаджыдæр бахæццæ уыдзыстæм Дæллаг Баджин цы доны фарсыл ис, уымæ . Доны сæрты куы бахизæм, уæд схæццæ уыдзыстæм Дæллаг Баджинæй ма цы баззад уымæ . Дæллаг Баджинæй куы акæсай мидæмæ, уæд хорз зыны Уæллаг Баджины мæсыг, галиуæрдыгæй та зыны Баджины суары уæрæх ком æмæ нæ фæндаг уырдæм саразæм. Комы мидæмæ цæугæйæ тагъд бахæццæ уыдзыстæм Дзимыргомы тæккæ хуыздæр фыцгæ уазал суармæ.
Бирæ–бирæ адæмтæ алы сæрд дæр сæ улæфт уагътой уыцы суары цур.
Кæрон ныхас
Цæмæн уын радзырдтон Дзимыргомы æрдз, цардуавæртæ æмæ хæзнаты тыххæй?
Хуссар Ирыстонæн бирæ æнусты хицæн паддзахад уыд æмæ уый ногæй йæ къухы бафтыд, æмæ хъуамæ равдиса, йæ цæрджыты фыдæлтæ куыд сæрибар цардысты, сæ алыфарс цы адæмтæ цардис, уыдон сын цы кад кодтой, уый дарддæр куыд ахæсса.
Ныртæккæйы уавæртæй Дзимыргомы хъæздыгдзинæдтæй, бирæ æнусты Дзимыргомы адæм кæй руаджы цардысты, уыдонæй ис хорз пайдатæ скæнæн, цæмæй æрыгон паддзахад фидарæй фидардæр кæна, æмæ бирæ æнусты иннæтæн куыд æххуыс кодта, афтæ æрмæст йæхицæн хорз цард аразынæн нæ, фæлæ иннæ хорз адæмтæн дæр йæ бон æххуыс кæнын куыд уа. Истори хорз хъуыды кæны, æрмæст Гуырдзыстоны адæмæн цал хатты баххуыс кодта се знæгты ныхмæ хæцынæн. Дардмæ дзурын æй нæ хъæуы - æртæ фондзыссæдз Арагуийагæн сæ фылдæр уыдысты ирæттæ, уымæн æмæ уыцы рæстæджы Арагуийы комы цæрджытæн сæ фылдæр уыдысты ирон адæм. Æмæ уыцы Арагуийагтæ сæ цард радтой Гуырдзыстоны сæрибардзинады тыххæй.
Фантазитæ
Дзимыргом 2020 азы
Дзимыргоммæ фæндаг цæуы Балаты хъæуæй суанг Уæллаг Баджинмæ, Суары коммæ. Фæндаг цæуы Хъелыдоны фæрсты Хетъеты суармæ. Суары цур хъæды рæбын цъалайæ æртæ метры уæлдæр хохы фарсыл къахт æрцыд зæхх æмæ дзы арæзт æрцыд нырыккон дыууæ уæладзыгон уазæгдон дæс æмæ дыууиссæдз суарнуазджытæн. Адæймаг цæмæй йæ улæфт хорзæй уадза, уый уавæртæ дзы иууылдæр сты. Берцихы хъæды ис бирæ мæнæргъы, хъæлæрдзы, мæцкъуы, бирæ æхсæртæ, сæнк, гæнгæлы, хуырхæг, хъæддаг кæрдо, мæнтæг, битъна, доны мидæг кæсаг.
Суармæ хæстæг бæрзонд бындурыл арæзт æрцыд тынг рæсугъд цырт Фыдыбæстæйы хæсты быдырты Дзимыргомы адæмæй чи баззад, уыдонæн, алкæй ном æмæ мыгкаг фыстимæ.
Экскурситæн ис къахвæндæгтæ Тогойты хъæу æмæ мæсыгмæ, стæй Берцихы дзуарыл Баджины фæзмæ, дарддæр Баджины суармæ æмæ Хъелы цадмæ. Бирæ туристтæ цæуынц Дзимыргоммæ, æрмæст Ирыстонæй нæ, фæлæ фæсарæнтæй дæр.
Хетъеты комы размæ фæндаг аздæхтис галиуæрдæм комы фæрсты гакъон-макъон уæлæмæ.Уыцы комы фарс тынг къул нæу, суанг ма дзы зæйтæ дæр нæ цæуынц æмæ фæндаг аразгæйæ бахъуыдис æрмæст дыууæ гакъоны скæнын. Фæндагæй уæлæмæ ис хорз уыгæрдæнтæ æмæ сæрвæттæ æмæ дзы хизынц фос æмæ хъомтæ. Фæндаджы фыццаг фæзилæны лæууынц дыууæ стыр скъæты æмæ иу цалдæр цæргæ хæдзары, электрон рухсы телтæ. Кæддæр раджы заманы уым уыдис гыццыл хъæу, хуыдтой йæ Дыдатæ æмæ комы фарс та хуыдтой Дыдаты фарс. Уым дæр цардысты Хетъетæ.
Фæндаг комы рæбынмæ куы бахæццæ, уæд уым Хетъеты комы доны сæрты ком æппын нарæгдæр кæм уыд, уым арæзт æрцыд йæ дæргъ фынддæс метры кæмæн у, ахæм æфсæйнаг хид. Донæй хидмæ йæ бæрзæнд у дæс метры æмæ комы зæй куы рацæуы, уæд хиды бынты акæлы æмæ хиды нæ бахъыгдары. Дарддæр фæндаг комы галиуфæрсты бахæццæ ис Хетъеты хъæумæ. Раздæр куыд загътон, афтæ хъæуæй уæлæмæ суанг хæхты рагъы онг - стыр сойджын кæрдæг сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæ.
Хъæуы мидæг ногæй арæзт æрцыд иу цалдæр нырыгкон хæдзары, стыр скъæттæ æмæ хосæвæрæн мустæ. Скъæттæй гыццыл дарддæр - зилгæбазырджын тæхæг кæм æрбада, ахæм фæз.
Хетъеты хъæуæй дарддæр фæндаг ацыд уæлæмæ, хъæды сæрты æмæ æнæ гакъон-макъонæй бахæццæ Баджины фæзмæ æмæ дарддæр Баджины суармæ. Уыцы суары цур дæр арæзт æрцыдис уазæгдон дыууиссæдз фæндаггонæн, къахвæндæгтæ Сырх хохмæ æмæ Хъелыцадмæ.
Уæллаг Баджины хъæуы ногæй арæзт æрцыдис Сырх Уастырджийы кувæндон аргъуан, раздæр куыд уыдис, уымæй рæсугъддæр æмæ стырдæр, йæ хъуытазтæ ногæй сæ бынаты æвæрд æрцыдысты (1973 азы сæ Дзебысаты Цамелы фырт Балоимæ хæстæг дурты æхсæн нывæрдтам, æмæ нæ фесæфтысты, дзуары хорзæхæй). Ныртæккæ раздæры хуызæн алы аз Сырх Уастырджийы бæрæгбоны æрцæуы бирæ адæм æрмæст Хуссар Ирыстонæй нæ, фæлæ Цæгат Ирыстонæй дæр.
Цыгъойты хъæумæ раздæр цы фæндаг уыдис, уый фæхуыздæр кодтой, хъæуы иу цалдæр хæдзары арæзт æрцыд, стæй дыууæ стыр скъæты, стыр мус, хорз дукани. Хъæуы бирæ адæм нæма цæры, фыййæутты æмæ æндæр кусджыты йедтæмæ, фæлæ дзы фос æмæ хъом бирæ.
Бетъреты хъæуы дæр ис фермæтæ.
Бæрзонд хъæутæм - Пагæтæм æмæ Ломисмæ йæ ныфс ничима бахаста цæрынмæ, фæндæгтæ уырдæм зындæр аразын у.
Хуыздæрæй-хуыздæр, тыхджынæй-тыхджындæр, кадджынæй-кадджындæр, хъæздыгæй-хъæздыгдæр кæн, нæ Хуссар Ирыстон!
(Къамтæ систон 1973 азы)
Cоветтон Цæдисы Паддзахадон
Премийы лауреат, техникон наукæты
кандидат
Хетъеты Ладойы фырт Миша
Мæскуы
P.S.
СоветтонхицауадырæстæджыДзимыргомыуыдисстыркъалхозиу цалдæрминфысимæ. Фоссæрдыгонхызтыстыкомыуæрæхсæрвæтты. Зымæгонкомыуыййасфосдарынуыдисзын æмæ –иусæ атардтойХъызларыбыдыртæм.Уымта-иукъалхозыкусджытæ сæрды æрцæттæ кодтойхос, стæйзымæгонскъæттæ æмæ –иуфосзымæг уымарвыстой. Уалдзæджы-иуфосфæстæмæ атардтойДзимыргоммæ. Фослæвæрдтойбирæ æхсыр, царв, цыхт, дзидза, къуымбил.
Ныртæккæ рæстæгаивта, фосХъызлармæ скъæрæнналис, фæлæ Дзимыргомыфæндæгтæ арæзткуы æрцæуа, уæдгæнæнисзымæгонфосдарæнскъæттæ саразынБалатыхъæуæйНауисхъеуы æхсæнистыфæзбынаты, Хелыдонмæ хæстæг. Уыммитбирæ нæ уары, зæйрацæуынæйдзытаснæу, фæндæгтæм æнцонзилæн, арæзтады æрмæг æнцонласын.Хорзфæндæгтæ арæзткуы æрцæуой, уæдсæрдыгонхос æрцæттæ кæнынуыдзæнДзимыргомыпарахатуыгæрдæнты, Хъызларыкуыдцæттæ кодтойафтæ, æмæ йæ машинæтыыл æрласæнисзымæгонфосдарæнфермæтæм, дардласын æйнæ хъæудзæн.Фыййæуттæн, дуцджытæн æмæ иннæ кусджытæнхорзцæрæнфадæттæ куыуа, уæдкусджытæ уыдзæн æнцонссарын, стæйуымцæрынкæй бафæнда, ахæмадæмдæрразындзæн, æмæ Дзимыргомбирæ æнустыхуызæнсхъæлдзæгуыдзæн.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.